Хуссар Иры мыддарджыты ассоциаци уадзы хæрзаудæн акци Ленингоры сидзæрдоны

Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ райсдзысты мыд лæварæй ныр дыккаг хатт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны мыддарджыты ассоциаци уадзы хæрзаудæн акци Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары. Æртыццæджы ассоциацийы минæвæрттæ Джиоты Феликс æмæ Гæбæраты Родион сидзæр сывæллæтæн нылластой 10 килограммы мыд.

"Уый уыдзæн нæ фæлхаттон хæрзаудæн акци. Фæнды нæ, цæмæй нæ акци æндæр мыддарджытæ дæр бафæзмой, уымæн æмæ нæ республикæйы бирæ ис æххуысхъуаг адæм", - загъта ассоциацийы бындурæвæрæг Джиоты Феликс.

Хуссар Ирыстоны мыддарджыты нымӕц хизы 50-йы онг. Æрæджы ассоциаци Цхинвалы районы æмархайдæй ауагъта мыды равдыст-армукъа.