Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон

Пьер-Луи Кюрены балц Ирыстоны ахæсдзæн къуырийы бæрц, ахуыргондæн цæуынц фембæлдтæ библиотекæйы, зонадон хаххы уагдæтты, йæ фыдæлы номхæссæг 45-æм скъолайы Дзæуджыхъæуы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстонмæ цалдæр боны æмгъуыдмæ фæуазæг ис зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон зындгонд французаг математик Пьер-Луи Кюрен. Ахуыргондæн цæуы фембæлдтæ скъолаты, уагдæтты, цыппæрæмы йæм æнхъæлмæ кæсынц Беслæны. Пьер-Луи Кюрены ʻрцыды тыххæй ныффыста йæ фарсыл Фейсбукы Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуккаг зонадон центры директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цыбырты Алексей.

Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон

Ахуыргондæн цæуы фембæлдтæ библиотекæты, зонадон хаххы уагдæтты, йæ фыдæлы номхæссæг 45-æм скъолайы Дзæуджыхъæуы.

"Махмæ иу къуырийы æмгъуыдмæ æрцыд зындгонд фæдон зындгонд французаг математик Пьер-Луи Кюрен. Уазæгыл сæмбæлдыстæм зындгонд антрополог Сæлбиты Тамир æмæ Цыбырты Тимуримæ. Пьер-Луи Кюрен Ирыстоны уыдзæн къуырийы дæргъы. Йæ балцы фæлгæтты фæнд кæнæм æрзилын Ирыстоныл æмæ ауадзын бирæнымæц фембæлдтæ", - ныффыста уый.

Уый ма æрдзырдта ахуыргондæн йæ зындгонд фыдæлты тыххæй, афтæ Пьер-Луи Кюренæн йæ фыд дæр уыд зындгонд ахуыргонд.

"Кæд йæ фыды фыд Жорж Дюмезилы ном Ирыстоны хъуыстгонд у, уæд йæ фыд къаддæр ахуыргонд нæу. Юбер Кюрен (Hubert Curien) 1976 - 1984 æзты уыд Францы космикон иртæстты национ центры президент. 1984- 1986 æмæ 1988 -1993  æзты уыд Францы зонад æмæ космосы фæдыл министр. Уый рæстæджы срæвдз кодтой ракетæ Ариан, йæ рæстæджы фæзынд компани Арианспейс, йæ дуджы атахт фыццаг французаг космонавт" – ныффыста Цыбырты Алексей.

Ирыстонмæ æрцыд зындгонд ахуыргонд Жорж Дюмезилы фæдон