Культурон объект: Хуссар Иры минӕварад ӕрбынат кӕндзӕн рагон бӕстыхайы Мӕскуыйы

Бӕстыхай хауы Мӕскуыйы культурон бынтӕм, конд у дыууӕ уӕладзыгӕй мезонин ӕмӕ уӕлхӕдзаримӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Рагон бӕстыхай Мӕскуыйы Лялинаг фӕрсуынгыл, цы ран ӕрбынат кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы, у федералон нысаниуӕгимӕ культурон бынты объект, хъусын кӕны уӕрӕсейаг столицӕйы капиталон цалцӕджы департамент.

Культурон объект: Хуссар Иры минӕварад ӕрбынат кӕндзӕн рагон бӕстыхайы Мӕскуыйы

Уым банысан кодтой, ныртӕккӕ бӕстыхайы кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕнынк капиталон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ реставраци. Куыстытӕ райдыдтой 2019 азы марты - хӕдзар уыд мӕгуырау уавӕры. Сцӕттӕ уыдзӕн ноябры райдиантӕм. Уӕд ацӕуудзӕн йӕ ног бынатмӕ хуссарирыстойнаг минӕварад дӕр.

"Бӕстыхай у XIX ӕнусы арӕзт ӕмӕ у федералон нысаниуӕгимӕ культурон бынты объект. Уый зындгонд у куыд С.Г. Попов ӕмӕ П.Д. Елагины сӕйраг хӕдзар", - хъусын кӕны департамент.

Раздӕр куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй къуырисӕры цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бабӕрӕг кодта РХИ президент Бибылты Анатолий, уый баззад райгондӕй, банысан кодта минӕварады пресс-службӕ.