Мӕскуыйы Стыр театры ацӕудзӕн Къостайы 160-азон юбилейӕн нывонд мадзал

Бӕрӕгбонон мадзал ацӕудзӕн Стыр театры Чысыл залы 28 октябры – Мӕскуыйы ирон культурӕйы бонты рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Стыр театры ацӕудзӕн мадзал, кӕцы уыдзӕн нывонд Хетӕгкаты Къостайыл 160 азы сӕххӕсты цытӕн – уый тыххӕй ӕрныхас кодтой Цӕгат Ирыстоны кусӕгон рабадтыл номдзыд ирон поэты юбилейы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕкӕнынады фӕдыл, хъусын кӕны портал Слово.

Ног сезон: "Фатимæ" кæсæгæн æмæ къамисæн

Бӕрӕгбонон мадзал ацӕудзӕн Стыр театры Чысыл залы 28 октябры – Мӕскуыйы ирон культурӕйы бонты рӕстӕджы.

Афтӕ ма номдзыд ирон поэты юбилейы бӕрӕгбоны фӕлгӕтты 15 октябры Къостайы райгуырӕн бӕстӕйы – Цӕгат Ирыстоны Алагиры районы Нары хъӕуы – ацӕудзӕн республикон литературон-фольклорон бӕрӕгбон. Уыцы бон ма Нармӕ ӕрцӕудзысты цӕрджытӕ республикӕйы ӕппӕт районтӕй – цалдӕр мин адӕймаджы. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты ам нывӕндынц равдисын музыкалон-поэтикон композици "Бӕрӕгбон хӕхты", кӕцы сӕххӕст кӕндзысты паддзахадон бӕхты-драмон театр "Нартӕ".