Хуссар Иры Сатихъары хъӕуы фесӕфӕг чызджы ссардтой Гуырдзыстоны

Сатихъары хъӕуы цӕрӕг ӕвзонг чызг ацыд хӕдзарӕй – агуырдтой йæ иу суткӕйы дӕргъы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы фесӕфӕг чызджы ссардтой Гуырдзыстоны территорийыл ӕмӕ йӕ радтой республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕм, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Барадхъахъхъӕнджытӕм бадзырдта 26-аздзыд чызджы фыд. Уый фехъусын кодта, 5 октябры, 10.30 сахатыл, йӕ чызг кæй ацыд хӕдзарӕй ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт.

"Чызджы ориентировкӕ арвыстой мидхъуыддӕгты алкӕцы хайадмӕ дӕр. Чызджы агурынмӕ ацыдысты горӕт ӕмӕ районты мидхъуыддӕгты хайӕдтӕ, криминалон милици ӕмӕ УУМ-ы къордтӕ. 6 октябры Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ криминалон милицийы кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы райстой информаци, фесӕфӕг ӕмбӕстаг кӕй ис Гуырдзыстоны территорийыл", - фехъусын кодтой МХМ.

Уыцы бон республикӕйы цӕрӕг чызджы радтой фӕстӕмæ Хуссар Ирыстонмӕ. Чызджы ӕрыздӕхтой хӕдзармӕ, йе 'нӕниздзинадӕн ницы тас ис.