11 аз æнхъæлмæ кæсгæйæ: Хелцуайы цæрæг "рæстæгмæ" æрцард скъæты

Чысиаты Тамазæн йæ хæдзары æмбис 2008 азы хæсты рæстæджы срæмыгъды улæнæй ракалд, уæдæй нырмæ уый скъæты къæсæрыл арвылбондæр æнхъæлмæ кæсы аразджыты æрбацыдмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы цæрæг Чысиаты Тамаз ныр 11 азы - 2008 азы хæстæй фæстæмæ хицауады хæрзиуæджы æнхъæлмæгæс цæры скъæты. Йæ хæдзары æмбис æм къуыппæй æрдæгкалдæй фæлгæсы, ныккæнд та дæлдзырæтты бын æмбийы.

11 аз æнхъæлмæ кæсгæйæ: Хелцуайы цæрæг "рæстæгмæ" æрцард скъæты

Хелцуайы хъæу ис столицæйæ 15 километры дæрддзæф, Цхинвалы районы фæз зæххыты. Йæ центры донхæрисы аууоны æрбынат кодта хæрзæфснайд скъола, йæ иунæг аипп - чысыл контингент, æдæппæтæй цыппар ахуырдзауы.

Сывæллæтты чысыл нымæцмæ æнæкæсгæйæ хъæу у цæргæ – цæхæрæдæттæ хорз куыст, хъæуы уынгты змæлы адæм. Ам ныр дæр ис 70 хæдзары бæрц. Фосдардæй арæхдæр у зæххы куыст, дыргъдæттæ ныр дæр йедзаг сты фæззæджы хуынтæй. Чысиаты Тамазы, æвзæр цардуагон уавæртæм æнæкæсгæйæ, йæ райгуырæн хъæуæй æддæмæ йæ къах нæ хæссы.

"2008 азы хæсты рæстæджы мæ хæдзарыл нæмыг не ʻсæмбæлд , фæлæ йæм хæстæг æрхауд дыууæ срæмудзæн æрмæджы, уыдон улæн ын йæ иу фарс фæхаста. Бахъыгдард ис йæ агъуыст дæр. Уæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсæм йæ æндидзынмæ", - дзуры Тамаз.

Лæг рæстæгмæ цæрынæн бацалцæг кодта скъæт æмæ уым æрцард, фæлæ "рæстæгмæ" ахаста 11 аз бæрц.

"Скъæт бацалцæг кодтон æмæ уым цæрын. Фæстаг хатт ма мын ныфс радтой иннæ аз саразынæй, фæлæ афтæ азæй–аз æнхъæлмæ кæсын. Уазæг дæр мæм нæ цæуы, æхсæв йæ бавæрыны фадат мын нæй", - бафтыдта уый.

11 аз æнхъæлмæ кæсгæйæ: Хелцуайы цæрæг "рæстæгмæ" æрцард скъæты

Нæлгоймаг бафæллæд ныфсæвæрæн ныхæстæ æмæ æнхъæлмæ кæсынæй, ныридæгæн тыллæгæфснайæн куыстытимæ иумæ уый срæвдз кодта арæзтад дæр. Кредитон фæрæзтæй амайы йæ хæдзармæ хæстæг чысыл бæстыхай, фæлæ ма йæ хæдзары сæндидзыныл дæр йæ къух нæ систа.

"Ныфс ма мæ ис, кæй мын æй бацараздзысты. Йæ быны та мæ ныккæндтæ сты - мæ сæн, мæ мулк уым дарын, къæвдайы сыл дон тæдзы æмæ тæрсын, куы ныккæла бынтондæр. Ног хæдзары арæзтадмæ дæр бавнæлдтон, фæлæ дзы кæд цы уыдзæн", - дзуры хъæуы цæрæг.

11 аз æнхъæлмæ кæсгæйæ: Хелцуайы цæрæг "рæстæгмæ" æрцард скъæты

Хуссар Иры президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй 2019 азы кусы сæрмагонд нывæзт, кæцыйы фæлгæтты хæсты рæстæджы бахъыгдард æрцæуæг фатертæ æмæ хæдзæрттæ цæуынц арæзт. Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ амæй размæ куыд хъусын кодта, афтæмæй ацы нысанæн бюджетæй хицæн æрцыд 35 милуан сомы, сæ нымадмæ гæсгæ уыдон аххæсдзысты 130 цæрæнуаты арæзтад æмæ цалцæгыл. Чизоны, Чысиаты Тамазы хæдзар дæр уыцы нывæзтмæ бахауа...