Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей

Хуссар Ирыстоны столицӕйы коммуналон службӕтӕ дзырд дӕттынц балхынцъ кӕнын Ӕнусон Арты цур цыртдзӕвӕны цалцӕг иу мӕймӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Бындурон ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн Цхинвалы Ӕнусон Арты раз фӕзуатыл Кады Аллейы, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы хӕрарӕзтады хайады хистӕр Габуты Инал.

Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей

Уый банысан кодта, куыстыты фыццаг этап кӕй уыдзӕн брусчаткӕ сӕвӕрын.

"Уый фӕстӕ сӕвӕрдзыстӕм уынджы цырӕгътӕ ӕмӕ бордюртӕ. Фӕстаг этап уыдзӕн территорийы зӕлдфӕлындӕн", - загъта Габуты Инал.

Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей

Хуссар Ирыстоны ис бирӕ цыртдзӕвӕнтӕ, кӕцытӕ сарӕзтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мысӕнӕн. Алкӕцы цӕрӕн пунктты дӕр ис цыртдзӕвӕн, кӕцытӕ нывонд у амӕттаг хъайтартӕн. Уыдонӕй иуыл зындгондӕр – Кады Аллей Мӕскуыйаг уынгыл республикӕйы столицӕйы, уым ис Ӕнусон Арт ӕмӕ йӕ цуры та сквер.