Усанеты кувæндон. Дзæнæты къуым Ирыстоны бæрзæндыл

Sputnik

Усанеты кувæндонмæ схизгæйæ цæсты раз байгом вæййы æцæг дзæнæттаг ныв - бæрзонд урссæр хæхты астæу хъæдрæбын æрбынат кодта кувæндон, растдæр зæгъгæйæ, йæ пырхæнтæ. Кæддæры егъау систæ æмæ бæстыхæйттæн ма ныр мæгуырау калдæй лæууынц сæ дуртæ. 

Рагон таурæгъ куыд амоны, афтæмæй-иу æрвылаз дæр Усанеты дзуары боны æввахс хъæуты цæрджытæ стырæй-чысылæй ссыдысты кувæндоны бынмæ сæхи бафæдзæхсынмæ. Уырдæм-иу йæхи къахæй æрбацыд дзуарæн нывонд саг. Фæсивæд-иу æй акусарт кодтой æмæ иу фæминас кодтой. Иу аз саг æрæгмæ цыд кувæндоны цурмæ, адæм бадтысты æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæддæр-кæддæр саг дæр фæзынд. Уæд æнхъæлмæкæсджытæй иу налат нозтджын нæлгоймаг саджы рацахста æмæ йын ралыг кодта йе 'взаг, зæгъгæ, цæмæ ныффæстиат кодтай. Уæдæй абоны онг нывонд саг никуыуал фæзынд кувæндоны бын. Цхинвалы районы Гром æмæ Гореты хъæуты ацæргæ цæрджытæ фидарæй дзурынц, уый æрымысгæ хабар кæй нæу, зæгъгæ, саг иу æцæгдæр æрцыд Усанеты бынмæ йæ боны.

Хабарæн ма æвдисæнтæй кувæндоны пырхæнты ныр дæр сæ сæрмагонд бынæтты æвæрд сты саджы сыкъатæ.

1 / 16
Усанеты кувæндонмæ фæндаг цæуы тар хъæды астæуты. Рог хæдтулгæйыл бæлцæтты бахъæудзæн æрдæгфæндагæй раздæхын - зынвадат хæххон фæндагыл схиздзæн æрмæстдæр стæм машинæ.
2 / 16
Фæндагамонджытæ ракæнынц иу стыр бæласы кой дæр - уый цурты хъуамæ рахисæрдæм фæзилай æмæ ахæрд кæнай хохмæ.
3 / 16
Усанеты кувæндонмæ схизгæйæ цæсты раз байгом вæййы æцæг дзæнæттаг ныв - бæрзонд урссæр хæхты астæу хъæдрæбын æрбынат кодта кувæндон
4 / 16
... растдæр зæгъгæйæ, йæ пырхæнтæ.
5 / 16
Кæддæры егъау систæ æмæ бæстыхæйттæн ма ныр мæгуырау калдæй лæууынц сæ дуртæ.
6 / 16
Дзæнгæрæджы хъæр айзæлы комы дард.
7 / 16
Зынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
8 / 16
Зынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
9 / 16
Рагон таурæгъ куыд амоны, афтæмæй-иу æрвылаз дæр Усанеты дзуары боны æввахс хъæуты цæрджытæ стырæй-чысылæй ссыдысты кувæндоны бынмæ сæхи бафæдзæхсынмæ.
10 / 16
Уырдæм-иу йæхи къахæй æрбацыд дзуарæн нывонд саг. Фæсивæд-иу æй акусарт кодтой æмæ иу фæминас кодтой.
11 / 16
Иу аз саг æрæгмæ цыд кувæндоны цурмæ, адæм бадтысты æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæддæр-кæддæр саг дæр фæзынд. Уæд æнхъæлмæкæсджытæй иу налат нозтджын нæлгоймаг саджы рацахста æмæ йын ралыг кодта йе 'взаг, зæгъгæ, цæмæ ныффæстиат кодтай.
12 / 16
Уæдæй абоны онг нывонд саг никуыуал фæзынд кувæндоны бын. Хабарæн ма æвдисæнтæй кувæндоны пырхæнты ныр дæр сæ сæрмагонд бынæтты æвæрд сты саджы сыкъатæ.
13 / 16
Усанеты кувæндон.
14 / 16
Арв кувæндоны сæрмæ.
15 / 16
Усанет
16 / 16
Усанеты алфамблай фæззæг алыхуызон ахорæнтæй сахуырста алæмæттаг æрдзы.