Мӕскуыйы ацӕудзӕн хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Кацты Вадимы равдыст

Равдыст, кӕцыйы организатор у Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй, байгом уыдзӕн 21 октябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Мӕскуыйы ацӕудзӕн зындгонд ирон нывгӕнӕг Кацты Вадимы куыстыты равдыст-экспозици, фехъусын кодта хуссарирыстойнаг минӕварады пресс-секретарь Уалыты Зара.

Нывгӕнджыты бӕллиц: Цхинвалы байгом ис ӕрмадз

Равдысты организатор у Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй.

"Кацты Вадимы куыстыты равдыст-экспозици ацӕудзӕн 21-28 октябры Уырыссаг аивады Музейы Мӕскуыйы", - дзырдӕуы дипминӕварады хъусинаджы.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгӕнӕг Кацты Вадим райгуырд ӕмӕ хъомыл кодта Цхинвалы. Фӕцис Колыты Аксойы номыл Паддзахадон аивӕдты лицей, Вадим у Ирыстоны зындгонд нывгӕнӕг Касойты Лаврентийы хъомылгӕнинаг. Уый фӕстӕ фӕцис Санкт-Петербурджы аивӕдты академи. Цӕры ӕмӕ кусы Санкт-Петербурджы.