Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Степанакерты уагъд цӕуӕг форумы, цы ран хайад исы Хуссар Ирыстоны делегаци
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий схорзӕхджын кодта Хӕххон Карабахы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Масис Маиляны майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстадмӕ хайбавӕрды тыххӕй", хъусын кӕны майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий хайад исы Хӕххон Карабахы ӕмбӕлтты форумы "Сотрудничество во имя справедливости и мира" Степанакерты. Министримӕ форуммӕ ацыдысты Цхинвалы сомихаг диаспорӕйы минӕвӕрттӕ Цицерон Хаханов ӕмӕ Нонна Мкртчян.

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы

Республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг раныхас кодта форумы ӕмӕ радзырдта йӕ доклады Алани ӕмӕ Сомихы ахастыты историйы тыххӕй, афтӕ ма фехъусын кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хӕххон Карабахы ахастыты уавӕр ӕмӕ сӕ дарддӕры райрӕзты перспективӕтӕ.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Арцахы хсӕн ахастыты райрӕзтмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий схорзӕхджын кодта Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маиляны РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕӕгты министрады майданӕй" Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстадмӕ хайбавӕрды тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма форумы хайад истой Уӕрӕсе, АИШ, Франци, Уругвай, Сири, Иордани, Бразили, Чили, Австрали ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ.

Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы