Къостайы дуне: Дзæуджыхъæуы байгом поэты уникалон равдыст

Стыр поэты юбилейæн нывонд экспозицийы сты раритетон рауагъдтæ стæм чиныджы фондæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Дзæуджыхъæуы, ЦИПУ-йы зонадон библиотекæйы байгом равдыст "Къостайы дуне", кæцы нывонд у ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160-азон юбилейæн, хъусын кæны 15 регион.

Къоста æвзисты: Национ банк рауагъта згъæрæхца поэты юбилеймæ

Экспозицимæ бахаудысты ахæм стæм чингуытæ, куыд "Ирон фæдыры" æртыккаг рауагъд 1920 азы, сабиты чингуытæ "Гино, гино, гис!" 1936 азы.

Равдыст бакæныны церемонийы хайад райстой ирон филологийы æмæ историон факультеттæ.

Фæсивæд сарæзтой флешмоб, кæцыйы сæйраг домæн уыд стыр поэты уацмыстæ бакæсын.