Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир Якутскы

Чертхъоты Гурам рамбылдта сыгъзӕрин майдан, финалы уый рамбылдта йе 'мбӕстаг Анзор Уришевы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Чертхъоты Гурам ссис легендарон тренер Дмитрий Коркины мысӕнӕн Якутскы уагъд цӕуӕг ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Ирыстойнаг дзюдоист ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер

Чертхъоты Гурам ссис иууыл тыхджындӕр 92 килограмм уӕзы категорийы.

Финалон тохы ирон спортсмен рамбылдта Анзор Уришевы.

Ацы за февралы Чертхъоты Гурам рамбылдта республикӕйы чемпионат Дзӕуджыхъӕуы.

Амӕйразмӕ ма ноджы иу ирон богал Куыдзойты Алан та рамбылдта бронзӕйон майдан Таллины уагъд цӕуӕг дунейы фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй U-21.