Транскам цӕттӕ кӕнынц зымӕгмӕ

Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг бæтты - Транскам - уый тæссагыл нымад цæуы афæдзы алы афон дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Дриаты Лейла. Трансавказы автомагистралыл уагъд цӕуынц зымӕгон афонмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ. Хуссар Ирыстоны фӕндагон службӕты куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй цалцӕггӕнӕн ӕмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ цӕуынц автотрассӕйы рахиз ӕмӕ цӕгаттаг фарс дӕр.

УФ УУМ-ы хистæр: хъæуы саразын æппæтдæр, цæмæй Транскам зымæджы куса æнæ къуыхцыйæ

Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг бæтты - Транскам - уый тæссагыл нымад цæуы афæдзы алы афон дæр. Ам æрмæст зæйцæуæн бынæттæ ис 80-йы бæрц. Бирæ бæлццæттæ бабын ацы фæндагыл цæугæйæ. Транскамыл зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад сæвзæры ноябры мæйы æмæ ахæссы суанг апрельмæ. Экономикон æмæ æрвылбоны цардуагон фарстытæ дæр комкоммæ баст сты ацы трассæимæ.

"Фæндаджы уавæрыл хуссайраг фарс канд зымæгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр цæуы æмбæлон куыст. Цæгатфарс та Транскамыл ныртæккæ дæр цæуынц капиталон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ", - банысан кодта службӕйы минӕвар.

Уый ма банысан кодта, æрвылаз дæр тæссаг сезоны агъоммæ Транскамыл уагъд кӕй æрцæуынц иумæйаг ахуыртæ. Уым хайад райсынц, трассæйыл цы структурæтæ кусынц, уыдон иууылдæр. Ацы ахуырты сæйраг нысан у стратегион æгъдауæй нысаниуæгджын автомагистралыл змæлды æдасдзинад сифтонг кæнын.

"Росавтодор"-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фарс фæндагыл цы цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц, уыдон комкоммæ дæр баст сты трассӕ ауæрæхдæр кæнынимæ.