Генийæн нывонд: Хуссар Иры телеуынынад равдисдзæн киноныв Къостайыл

Киноныв "Къостайы дуне"-йы хæйттæ ист цыдысты генийæн йæ музейты Нар æмæ Цъунары, фильм рацæудзæн эфиры 21:10 сахатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонмæ сфæлдыстадон къорд бацæттæ кодта телеуынынадон киноныв "Къостайы дуне". 40-минутон алæвæрд ПТРК "Ир" равдисдзæн фыссæджы райгуырæн боны эфиры прайм-таймы, фехъусын кодта Sputnik кинонывы æмавтор Мамиты Григорий.

Къостайы юбилей: цæмæй банысан кæндзысты æппæтирон бæрæгбон

Ирыстоны дыццæджы нысан кæнынц æппæтнацион бæрæгбон - 160 азы размæ райгуырд бæстæйы зындгоддæр гоймаг, фыссæг, нывгæнæг, публицист, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста.

"Фильм бацæттæ кодтам Бестауты Юляимæ. Мах бафæндыд равдисын Къостайы миддуне. Кинонывы хæйттæ ист цыдысты генийæн йæ музейты Нар æмæ Цъунары. Нары систам поэмæ "Фатимæ"-йæ скъуыддзаг, Цъунары та кафты номыртæ. Ам нын баххуыс кодта Цхинвалы дыккæгæм скъолайы дæлбар коллектив "Кафт", - радзырдта Мамиты Григорий.

Уый ма бафтыдта, ацы кинонывы фыццаг хатт кæй сфæлвæрдтой амонджытæй Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны театралон кружокы хъомылгæнинæгты.

Телеуынынадон киноныв "Къостайы дуне" рацæудзæн эфиры 21:10 сахатыл.