Ирыстойнаг спортсменкӕ рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат тхэквондойӕ

Ерысты фыццаг бон Челӕхсаты Анисия рамбылдта сыгъзӕрин майдан, финалы уый рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйаг областӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Челӕхсаты Анисия Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта сыгъзӕрин майдан Казаны уагъд цӕуӕг Уӕрӕсейы чемпионаты тхэквондойӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Челӕхсаты Анисия ссис ерысты уӕлахиздзау 57 килограмм уӕзы категорийы.

Ирон спортсменкӕ ауагъта цыппар тохы, финалы уый рамбылдта йӕ ныхмлӕууӕджы Мӕскуыйаг областӕй Кисаран Халлаевайы.

Чемпионкӕйы тренер у Авет Оганесянц.