Сабиты къухæй: Цхинвалы Аивæдты лицейы байгом Къостайы юбилеймæ равдыст

Экспозицийы ис 40 куысты, сабитæ ныв кодтой Къостайы сурæт, йе 'нæмæлгæ æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты сюжеттæ, скодтой Къостайы нывты репродукцитæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160-азон юбилейы цытæн ауагътой мысæн мадзал – нывкæнынады студийы архайджытæ рахастой сæ куыстытæ, скъоладзаутæ кастысты поэты æмдзæвгæтæ, æххæст кодтой зарджытæ.

Сабиты къухæй: Цхинвалы Аивæдты лицейы байгом Къостайы юбилеймæ равдыст

Хуссар Ирыстоны паддзахады разамонæджы барамындæй 2019 аз расидт æрцыд Хетæгкаты Къостайы азæй. 15 октябры Иры дзыллæ банысан кодта фыссæджы юбилей. Уый цытæн ацы боны Цхинвалы цæуы бирæ мадзæлттæ.

Равдыстмæ рахастой Лицейы нывгæнæн аивады студийы ахуырдзауты хуыздæр куыстытæ. Экспозицийы ис 40 нывы. Сывæллæттæ ныв кодтой Къостайы сурæттæ, йе 'нæмæлгæ æмзæвгæтæ æмæ поэмæты сюжеттæ, Къостайы нывты репродукцитæ.

Сабиты къухæй: Цхинвалы Аивæдты лицейы байгом Къостайы юбилеймæ равдыст

Мадзалы организатор Дзæгъиаты Альбинайы ныхæстæм гæсгæ, равдысты архайджыты ʻхсæн ис ахæмтæ, кæцытæм æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн нывгæнæн хаххыл.

"Къостайы юбилейы иувæрсты ацæуын нæ уыд раст æмæ равзæрстам хуыздæр куыстытæ, сарæзтам равдыст. Йæ уацмысты сюжеттæм гæсгæ арæзтой сæ куыстытæ æмæ уыимæ иумæ арфдæр банкъардтой генийы сфæлдыстад. Стыр ныфс æвæрын мæ хъомылгæнинæгтæй, æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ сын нырма сæ нæмттæ фехъусдзыстæм нывгæнæн аивады", - загъта Дзæгъиаты Альбина.

Аивæдты лицей нымад цæуы Хуссар Иры курдиатджын нывгæнджыты куырдадзыл, ам сæ фыццаг къахдзæфтæ кодтой зындгонд нывгæнджыты æвзонг фæлтæр - Къацты Вадим, Кокойты Мария, Саулохты Георгий, Дзигойты Карина æмæ æндæртæ.

Сабиты къухæй: Цхинвалы Аивæдты лицейы байгом Къостайы юбилеймæ равдыст

"Дзæгъиаты Альбина у диссаджы нывгæнæг æмæ хорз педагог. Нæ студийы ахуырдзауты куыстытæ архайынц Хуссар Ир, Уæрæсейы горæтты æмæ суанг фæсарæнты равдыстты дæр. Иу равдыст æрбакæны æмæ уайтагъд бавналы дыккаг цæттæ кæнынмæ", - загъта Sputnik Лицейы директоры хæдивæг Плиты Нелли.

Равдыстмæ æрбцыдысты сабиты ныййарджытæ, хуынд уазджытæ. Бабæрæг æй кодта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан дæр. Уый радзырдта, ацы ахуыргæнæн уагдон республикæйы нывгæнæн аивадмæ цы стыр хайбавæрд бахаста, уый тыххæй.