Сӕйраг культурон цау: Ирыстоны банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы 160-азон юбилей

Поэты райгуырӕн хъӕуы ӕрӕмбырд сты Ирыстоны цӕгат ӕмӕ хуссары делегацитӕ. Традицимӕ гӕсгӕ, Нары ацыд ирд мадзал
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik. Егъау бӕрӕгбонон мадзал ацыд Цӕгат Ирыстоны Алагиры районы Нары хъӕуы номдзыд ирон поэт, драматург, публицист, нывгӕнӕг, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы 160-азон юбилейы цытӕн. Мадзалы хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Сӕйраг культурон цау: Ирыстоны банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы 160-азон юбилей

Бибылты Анатолий ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав сӕвӕрдтой дидинджытӕ адӕмон поэты стелӕмӕ ӕмӕ бабӕрӕг кодтой Хетӕгкаты Къостайы мемориалон хӕдзар-музей.

Сӕйраг культурон цау: Ирыстоны банысан кодтой Хетӕгкаты Къостайы 160-азон юбилей

Уый фӕстӕ Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаты делегацитӕ ацыдысты бӕрӕгбонон кӕртытӕм, цы ран Хуссар Ирыстоны Дзауы район ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны районтӕ бавдыстой ирӕтты царды уаг ӕмӕ националон къӕбицы хицӕндзинӕдтӕ.

Хуссар Ирыстоны президент раарфӕ кодта кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ банысан кодта Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕаргъ хайбавӕрд ирон литературӕйы райрӕзтмӕ.

"Абон мах ӕрӕмбырд стӕм Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн хъӕуы, цӕмӕй кад скӕнӕм номдзыд пожтӕн, кӕцы йӕ курдиат ӕрмӕст литературӕйы нӕ равдыста. Йӕ "Ирон фӕндыр" у гениалон поэты уды энциклопеди, кӕцыйы равдыста йӕ уарзондзинад Фыдыбӕстӕмӕ ӕмӕ йӕ ӕфхӕрд адӕммӕ. Йӕ ӕмбырдгонды Къоста равдыста ирон адӕмы царды зындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрсидт иудзинадмӕ ӕмӕ ӕбаргӕдзинадмӕ", - загъта президент.

Битарты Вячеслав бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хетӕгкаты Къоста ныууагъта йӕ адӕмӕн фӕдзӕхст, цӕмӕй цӕрой ӕмбаргӕдзинады.

"Къоста бӕрзонд систа ирон литературон ӕвзаг, йӕ сфӕлдыстады руаджы махӕн баззад мысӕн нӕ фыдӕлты хъайтардзинад ӕмӕ культурӕйы тыххӕй", - загъта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг.

Мадзал балхынцъ ис ирд ралӕудӕй. Уазджытӕн равдыстой Къостайы цардӕй чысыл эпизодтӕ, бакастысты йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, афтӕ ма дзы йӕ программӕ бавдыста Цӕгат Ирыстоны бӕхджын театр.