Цхинвалы байгом ног ӕртаггӕнӕн станц

Ӕрттаггӕнӕн станц йӕхи фӕрӕзтӕй сарӕзта паддзахадон куыстуат "Югосетнефтепродукт", кӕцы у республикӕйы ӕртаджы егъаудӕр ӕввонггӕнӕг. Ног объект бабӕрӕг кодта президент Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы байгом паддзахадон куыстуат "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаггӕнӕн станц. Ӕртыццӕджы ӕртаггӕнӕн станц бабӕрӕг кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Паддзахадон унитарон куыстуаты сӕргълӕууӕг радзырдта президентӕн, "Югосетнефтепродукт"-ы ӕртаггӕнӕн станц у Хуссар Ирыстоны ӕртаджы сӕйраг ӕввонгӕнӕг, куыд сӕрмагонд гоймӕгтӕн, афтӕ паддзахадон уагдӕттӕн дӕр.

"Абоны бон ӕртаггӕнӕн станцы ис АИ-92 маркӕ бензин ӕмӕ дизелон ӕртаг. Афтӕ ма нывӕндӕм ласын АИ-95 маркӕ бензин ӕмӕ саразын ам газ кӕнӕн станц дӕр", - загъта куыстуаты сӕргълӕууӕг.
Цхинвалы байгом ног ӕртаггӕнӕн станц

Президент банысан кодта, фӕстаг рӕстӕджы Паддзахадон унитарон куыстуаты куыст кӕй фӕхуыздӕр ис ӕмӕ хӕссы ӕфтиаг, уый равдыста куыстуаты къухдариуӕгады хорз ахаст йӕ куыстмӕ.

"Сӕйраг фӕстиуӕг у уый, ӕмӕ куыст фӕхуыздӕр, куыстуат райдыдта хӕссын ӕфтиаг. Хорз куыст ма бӕрӕг у уымӕй, ӕмӕ сымах уӕхи фӕрӕзтӕй сарӕзтат ног ӕртаггӕнӕн станц", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент бахӕс кодта арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуардӕн, цӕмӕй ӕркӕса ӕртаггӕнӕн станцы районы фӕндаг сцалцӕг кӕныны фарстмӕ.

Афтӕ ма ӕрдзырдтой стационарон ӕртаггӕнӕн станцты арӕзтадыл районон центрты.

Цхинвалы байгом ног ӕртаггӕнӕн станц