Ирыстойнаг богалтӕ хайад райсдзысты Ӕппӕтдунейон ӕфсӕддон хъӕзтыты Китайы

Алкӕцы бӕстӕйӕн дӕр ис бар бавдисын цыппар спортсмены, кӕцытӕ архайынц оплимпиаг уӕзты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ Цӕболты Хетик (74 кг), Найфонты Артур (86 кг) ӕмӕ Байцаты Владислав (97 кг) хайад райсдзысты Ӕппӕтдунейон ӕфсӕддон хъӕзтыты, кӕцытӕ райдайдзысты 21 октябры китайаг горӕт Уханы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир Якутскы

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты ӕрмӕстдӕр олимпиаг уӕзы категориты.

Алкӕцы бӕстӕйӕн дӕр ис бар бавдисын цыппар спортсмены алкӕцы стилы дӕр.

Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ мӕ ма бахызт 2019 азы дунейы чемпион Гаджимурад Рашидов, кӕцы архайы 65 килограмм уӕзы категорийы.