ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ацыд Къубалты Александры поэмæ "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-мæ гæсгæ спектаклы премьерӕ.
Премьерӕ бабӕрӕг кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий, хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
"Ӕфхӕрдты Хæсанæ" у ирон классикон литературæйы зындгонддæр уацмыстæй иу, æвдыст дзы цæуы Ирыстон феодалон заманы æмæ тугисыны æгъдау. Поэмæйы бындур ссис адæмон таурæгъ.
Спектаклы сӕйраг фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодтой Куымӕридтаты Батрадз, Тадтаты Фатимӕ, Гаглойты Артур. Спектакль сӕвӕрдта Цӕгат Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг, театралон режиссер Бекъойты Роза. Сценограф уыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Адӕмон нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрез, кӕцыйы театралон эскизты равдыст дӕр ацыд театры фойейы.