ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.
"Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй горӕты мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрбаздӕхтой бӕрнмӕ столицӕйы дыууӕ цӕрӕджы", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Афтӕ ма республикӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй.
Уавӕр фӕндӕгтыл
Ивгъуыд къуыри республикӕйы территорийыл ӕрцыд фондз фӕндагон-транспортон цауы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 205 фӕткхалды. Ӕхсӕз шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ транспортон фӕрӕз нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.