Парламенты спикер загъта йӕ хъуыды дыууӕ министрӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны тыххӕй

Депутатты къорд бадзырдта закондӕттӕг органы сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссой юстици ӕмӕ мидхъуыддӕгты министртӕн цхинвайлаг ахӕстоны уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты ӕркастысты депутатты къорды куырдиатмӕ, кӕцытӕ банхъардтой рахӕссын ӕнӕууӕнчы вотум юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорӕн, хъусын кӕны дыццӕджы закондӕттӕг органы пресс-службӕ.

Хуымӕтӕг домӕнтӕ: Хуссар Иры парламенты вице-спикер ахӕстоны уавӕры тыххӕй

"Мӕ номыл ӕрбацыд депутатты къорды куырдат юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фӕдыл цхинвайлаг ахӕстоны цауы тыххӕй. Мах ныртӕккӕ кусӕм ацы фарстыл, ӕмӕ парламенты регламентмӕ гӕсгӕ рахӕсдзыстӕм фарст президиуммӕ", - банысан кодта парламенты спикер Тадтаты Алан.

Спикер бафтыдта, зӕгъгӕ, президиумы уӕнгтӕ куы аскъуыддзаг кӕной рахӕссын ацы фарст сессимӕ, уӕд дыууӕ министрӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фадатыл ӕрныхас кӕндзысты закондӕттӕг органы рабадтыл.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, цхинвайлаг ахӕстоны ахӕсттӕ кӕй расидтысты ӕнӕхӕрын. Сӕ домӕнтӕм сын байхъуыстой парламенты депутаттӕ, кӕцытӕ бабӕрӕг кодтой колони. Фӕстӕдӕр ДИФ-ты ӕмӕ социалон хызӕгты фӕзынд информаци, ахӕстты кӕй фӕнадтой тыхон структурӕты кусджытӕ. Уый фӕдыл депутаттӕ бадзырдтой прокуратурӕмӕ, цӕмӕй басгарой ацы информаци.