Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт

Ӕрсиддонты фыццаг къордтӕ ныридӕгӕн ацыдысты медицинон басгӕрст – лӕппутӕн, кӕцытӕм рабӕрӕг кодтой низтӕ, лӕвӕрд цӕуы ӕрдӕг аз хоскӕнынӕн, уый фӕстӕ уыдон ногӕй рацӕудзысты медицинон къамис
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисӕрӕй фӕстӕмӕ райдыдта республикӕйы цӕрджыты фӕззыгон ӕрсидт ӕфсӕддон службӕмӕ, хъусын кӕны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-секретарь Чехойты Инга. Ӕрсидт уагъд цӕуы республикӕйы столицӕ ӕмӕ районты нывӕзтмӕ гӕсгӕ, кӕцы сфидар кодта хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт
"Ӕрсиддонты фыццаг къордтӕ ныридӕгӕн ацыдысты медицинон басгӕрст. Лӕппутӕн, кӕцытӕ сты нӕбӕззон ӕфсӕддон службӕйӕн низты тыххӕй, лӕвӕрд цӕуы ӕмгъуыд хоскӕнынӕн. Уыдон хъуамӕ ногӕй ацӕуой ӕфсӕддон-дохтырон къамис ӕрдӕг азы фӕстӕ иннӕ ӕрсидты кампанийы рӕстӕджы", - радзырдтой уагдоны пресс-службӕйы.

Медицинон къамис рацӕуыны фӕстӕ ӕрсиддонтӕ рацӕуынц райдайӕн ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады курс Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры. Иу мӕйы фӕстӕ ӕрсиддонтӕ ӕфсӕддон ард бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ арвитдзысты ахуырадон ротӕмӕ дарддӕры службӕ рацӕуыны тыххӕй.

Алкӕцы нӕлгоймаджы хӕс дæр: Хуссар Иры уагъд цӕуы фӕззыгон ӕрсидт

Ӕфсӕддон комиссариаттӕ ӕфсӕддон службӕмӕ ӕрбаздахынц 18-27 азы кары республикӕйы ӕмбӕстӕгты. Ӕрсиддонтӕ, кӕцытӕ не рбацыдысты ӕфсӕддон комиссариатмӕ ӕнӕ айсинаг ӕфсонӕй, ӕрбаздахдзысты административон ӕмӕ уголовон бӕрнмӕ.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службӕйы ӕмгъуыд у иу аз.