Денис Пушилин: Киевы куырдиат ДАР ӕмӕ ЛАР ныппырхы фӕдыл у абсурдон

Донецкы адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕнӕууӕнк ахаст дары, Киев йӕ бӕрндзинӕдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы преспективӕмӕ ӕмӕ нымайы Украинайы ӕнӕууӕнкаг партнерыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕг Денис Пушилин банымадта абсурдоныл Киевы домӕнтӕ донбассаг республикӕты демонтажы фӕдыл.

"Зын у ссарын раст хъуыды ацы куырдиаты. Кӕимӕ ныхас кӕндзысты уӕд, ӕмӕ куыд аиуварс кӕндзысты конфликт, кӕд ӕмӕ ДАР ӕмӕ ЛАР нал уыдзысты? Ацы фарст Украина хъуамӕ ма скъуыддзаг кӕна. Уый уыд Донбассы цӕрджыты уынаффӕ. Уыдон сты сӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕмӕ сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнынц сӕ хъысмӕт", - загъта Пушилин йӕ интервьюйы РИА Новости.

ДАР сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ныхас цӕуы демонтажыл, уӕд фылдӕр разӕууӕлтӕ ис Украинӕйы ныппырх кӕнынӕн.

"Мах тынг хорз хъуыды кӕнӕм 2014 азы паддзахадон фӕфӕлдӕхт, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм фӕсарӕнтӕй кӕй хӕццӕ кодтой ацы процестӕ. Минскы бадзырдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн Украинайы демонтаж, уый фӕстӕ хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын регионты, кӕцытӕ тырнынц сабырдзинадмӕ ӕмӕ архайынц сӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн. Уый баразӕнгард кӕндзӕн Украинӕйы сӕххӕст кӕнын йӕ бӕрндзинӕдтӕ иууылдӕр", - бахахх кодта Денис Пушилин.