Хуссар Иры арӕныл ӕнӕзаконон блокпостыл ногӕй ӕрдзурдзысты ИӔАМ форматы

Гуырдзиаг полицийы ӕнӕзаконон блокпостыл, кӕцы ссис арӕныл ӕндыгъд уавӕры аххосаг, фондз хатт ныхас кодтой ИӔАМ фембӕлдты – абон ацӕудзӕн ӕхсӕзӕм фембӕлд ацы темӕйы фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл майрӕмбоны ацӕудзӕн ӕхсӕзӕм техникон фембӕлд Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы, хъусын Хуссар Ирыстоны президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппарат.

Уӕрӕсе фехъусын кодта йӕ позици Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕндыгъд уавӕры тыххӕй

Цыппӕрӕмы хуссарирыстойнаг арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Евроцӕдисы цӕстдарджыты миссийы патруль, кӕцы фехӕлдта республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ цӕрӕн пункт Цънелисы районы.

"Фембӕлды фӕлгӕтты дарддӕр ныхас кӕндзысты уавӕрыл, кӕцы фӕзынд гуырдзиаг полицийы блокпост сӕвӕрыны фӕстиуӕгӕн хуссарирыстойнаг территорийыл Знауыры районы цӕрӕн пункт Уисты (Цънелис) цур", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргъ слӕудзӕн президенты ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕг Коцты Егор.

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.