ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Дзауы районы æртæуæладзыгон хæдзары арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны. Декабрмæ æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой, фехъусын кодта Sputnik районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей.
Бæстыхай æрбынат кодта зындгонд санаторий "Дзау"-ы фарсмæ уæвæг сæрдыгон лагеры бынаты.
"Ныридæгæн цæуынц мидæггагон цалцæггæнæн куыстытæ æмæ хæрзарæзт цæуы йæ алыварс территори. Декабры район райсдзæн социалон цæрæнуæтты 18 фатеры, уæрст цæудзысты законмæ гæсгæ. Цæрæнуатон къамис ныридæгæн ахуыр кæнынц рады чи лæууы, уыдон уавæртæ. Бон бабарæг кæнынц 10 бинонты бæрц ", - загъта Джиоты Андрей.
Уый ма банысан кодта, хæдзæртты райсыны фæдыл сæм ис 400 куырдиаты бæрц, уыдон сты 91 азæй фæстæ цы рбацыд, уыдон.
Дзауы районы ма ахæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæ самайдзысты ноджы дыууæ.
Бæстыхай амад цæуы Инвестицион нывæзты фæлгæтты, æнгæс арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынц Знауры районы дæр.