Хъайтары номарæн: Дзауы райдыдта турнир боксæй

Гом турнир нывонд у Ирыстоны хъайтар, боксы спорты мастермæ кандидат, юниорты ʻхсæн Казахстаны чемпион, юниорты ʻхсæн Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Санахъоты Геннадийæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы райдыдтой Хуссар Иры хъайтар Санахъоты Геннадийы номарæн æппæтирыстонон ерыстæ боксæй. Тохты бацыд 100 спортсмены бæрц, фехъусын кодта Sputnik районы спорты хайады хистæр Джиоты Алик.

Гом турнир нывонд  у Ирыстоны хъайтар, боксы спорты мастермæ кандидат, юниорты хсæн Казахстаны чемпион, юниорты хсæн Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау Санахъоты Геннадийæн.

"Ерыстæ цæудзысты дыууæ боны дæргъы. Тохты бацыд 100 сывæллонæй фылдæр, се ʻхсæн сты Хуссар Иры боксертæ æмæ иу командæ Цæгат Ирыстоны горæтгæрон районæй", - загъта Джиоты Алик.

Уæлахиздзаутæ фæбæрæг уыдзысты дыццæджы.

Санахъоты Геннадий фæмард ис 2004 азы Гуырдзыйы æрбабырстты рæстæджы Тлиахъаны бæрзæндыл тохы рæстæджы. Ууыл гуырдзиагтæ æрхъула кодтой æмæ сæм бахауд амынæты уæззау цæфтимæ. Æххуысы бæсты лæппуйæн ноджы фæфыдмитæ кодтой. Санахъоты Геннадий йæ мæрдон буар куы ссардтой, уæд ын базонæн дæр нал уыд.

Хъайтары номарæн: Дзауы райдыдта турнир боксæй