Хуссар Иры студенттæ бафснайдтой Сау Дзуары алфæмбылай

Зиуы рæстæджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетйы ахуыгæнджытæ радзырдтой студенттæн Дзуары равзæрды истори æмæ таурæгъ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетйы ирон филологи æмæ журналистикæйы студенттæ ахуыгæнджытæ Тыбылты Ингæ æмæ Плиты Сергойы сæргълæудæй бафснайдтой Джеры комы уæвæг Сау Дзуары алфæмбылай. Студенттæ рахастой æфснайæн кусæнгæрзтæ æмæ йын иумиаг тыхтæй, хорз зæрдæйыуагимæ йæ хуыз скалдтой.

Зиуы рæстæджы хъомылгæнджытæ радзырдтой студенттæн Дзуары равзæрды истори æмæ таурæгъ.

"Цасфæнды легендæтæ ма цæуа ацы дзуарыл, уæддæр йæ бынмæ иу хатт чи ссæуа, ссыд, уый дæр æнæбанкъаргæ нæ фæуыдзæнис ацы диссаджы бынаты магион тых. Дзуармæ хи фæдзæхсынмæ чи цæуы, уый хъуамæ зона, куыд хъæуы хидарын дзуары бын. Дзуæрттæн æмæ кувæндæттæн сæхи канонтæ ис, æмæ иугæр йæ бынмæ цæуыс, уæд сæ хъуамæ æххæст кæнай", - радзырдта студенттæн Плиты Серго.

Сау Дзуарымæ адæмæн сæ фылдæр цæуынц сæ нывондæгтимæ, ам æй кусарт кæнынц, ам дзы скувынц, ам фæцæл кæнынц. Фæлæ нывондагæн йæ царм æмæ хуылфыдзаумæттæ, стыр хъыгагæн, æфснайд нæ цæуынц, фæлæ сæ дæлбылмæ, хъæдрæбынмæ асхойынц.

Хуссар Иры студенттæ бафснайдтой Сау Дзуары алфæмбылай

Фæсивæд зиугонд ракодтой, æрæмбырд кодтой уыцы брон æмæ сæ раластой. Уый хорз хъæппæрис у, ныхас дæр ыл нæй, фæлæ иутæ сæ комкоммæ хæстæ не 'ххæст кæнынц, бæрнондзинад сæ ферох вæййы, иумæйаг кувæндон, иумæйагæй сыгъдæг дарын хъæуы, æндæр дæсæй чъизи куы кæной, иу та æфснайгæ куы кæна, уæддæр чъизи уыдзæн.

Фылдæр хатт афтид хæрд æмæ нуæзтыл хицæн кæны нæ бæрæгбон, айрох нæ вæййы нæ сæйраг хæс сыгъдæг зæрдæйæ кувын, сыгъдæгдзинад кувæндоны уый у нæ ирон, нæ рагфыдæлтæй нæм чи æрхæццæ, уыцы рæсугъд æгъдау. Æгъдау та, кувæндоны нæ, хъæдбын дæр фидауы.