Мыггаджы зæд: Багатæ ногæй самадтой Хъугомы кувæндон

Цалынмæ ам кувæдон нæ уыд, уæдмæ бæласы аууоны егъау дуры цурмæ цыдысты адæм сæхи фæдзæхсынмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Сæридтаты комы рагъыл Багаты мыггаг самадтой Дауджыты авд зæдтæй иу - Хъугомы зæды кувæндон. Амад рацыд тынг аив, фехъусын кодта Sputnik Дзуары лæг Багаты Нугзар.

Мыггаджы зæд: Багатæ ногæй самадтой Хъугомы кувæндон

Дауджыты бон иу кæны авд зæды - Рагъы, Хъугомы, Сагъраты, Майрæмы, Батлон, Хуссары æмæ Тибы. Уыдонæн сæ кувæндæттæ æвæрд сты хохы бæрзæндтыл. Хъугомы кувæн бон вæййы Майрæм Куадзæны хæдразмæ цыппæрæмы.

"Хъугомы зæды кувæндон сæ фыдæлты цæрæнуæттæм хæстæг, йæ раздæры бынаты самадтой Багаты мыггаг сæхи хæрдзтæй. Кувæндон амад ʻрцыд йæхи дурæй, цы уыд, уымæй чысыл аивдæр. Сæрды бавнæлдтой арæзтадмæ æмæ къуыри размæ сцæттæ. Хуыцаубоны акодтам кусæрт æмæ бафæдзæхстам мыггаг", - загъта Багаты Нугзар.

Уый ма банысан кодта, кæд Багаты мыггаг ацы комæй раджы фæлыгъдысты Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты алы къуымтæм, уæддæр йæ кувæн бонты ардæм æмбырд кæндзысты мыггаджы минæвæрттæ.

Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком

Цалынмæ ам кувæдон нæ уыд, уæдмæ бæласы аууоны егъау дурмæ цыдысты адæм сæхи фæдзæхсынмæ.

Кувæндонæн ис цымыдисон истори. Хистæртæ куыд мысынц афтæмæй, 1886 азы, Кавказы чырыстон дин парахат кæныны оххыл сфæнд кодтой саразын алы хъæуы дæр аргъуантæ. Сæридтаты аргъуанæн бынат снысан кодтой Хъугомы зæды кувæндоны цур. Уæд ацы хъуыддаджы ныхмæ растадысты хъæуы цæрджытæ, се ʻхсæн бацайдагъ ис хæст, иууыл цæхгæр ныхмæлæуджытæ æрцыдысты ахст.

Уæд растджытæй 22 адæймаджы æрцахстой æмæ сæ ныппæрстой Гуры ахæстоны, уыцы бынат бирæ рæстæг хуыдтой Багаты ахӕстон. Ацы адæмæй ма ахæстонæй раирвæзт æрмæстдæр дыууæ лæджы, уыдон дæр 18 азы фæстæ, аннæтæ фыдцардæй æмæ фыдудæй амардысты. Уымæ гæсгæ, аргъуан адæм не ʻруарзтой æмæ йæм нæ цыдысты. Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты зæххæнкъуысты уый ныппырх ис.

Мыггаджы зæд: Багатæ ногæй самадтой Хъугомы кувæндон