Иууыл тыхджындӕртӕ: Ирыстойнаг ӕрмхӕцджытӕ рамбылдтой дунейы фыццагад Румынийы

Ерысты фыццаг бон тохы бацыдысты 16, 18 ӕмӕ 21 азы кары спортсментӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Ӕртындӕс ирон ӕрмхӕцӕджы Уӕрӕсейы командӕйы сконды архайдтой дунейы фыццагады ӕмӕ рамбылдтой аст хорзӕхы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ стох кӕндзысты дунейы чемпионат ӕмӕ фыццагады

Ирон богалтӕ ӕрхастой Уӕрӕсейы командӕйӕн фондз сыгъзӕрин, дыууӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.

Ерыстӕ райдыдтой 29 октябры румынаг горӕт Констанцайы.

Амӕйразмӕ хуссарирыстойнаг ӕрмхӕцӕг Гасситы Сослан ссис Европӕйы чемпионаты призер.