Хуссар Иры музыканттӕ базонгӕ кӕндзысты италиаг горӕты цӕрджыты ирон классикӕимӕ

Хуссарирыстойнаг музыканттӕ ралӕуд ацӕудзӕн Цхинвал ӕмӕ италиаг горӕт Градарайы хсӕн бадзырды фӕлгӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 ноя - Sputnik. Италиаг провинци Пезаройы астӕузаманы горӕт Градарайы ацӕудзӕн хуссарирыстойнаг музыкантты концерт. Ралӕуд уагъд цӕудзӕн горӕты театры 4 ноябры, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Ир ӕрсидт Италимӕ банымайын республикӕйы хӕдбардзинад

"Градарайы театры хуссарирыстойнаг музыканттӕ – культурӕйы сгуыхт архайӕг Гӕджиты Жанетта ӕмӕ ӕвзонг курдиатджын музыкант Къӕбысты Сӕрмӕт – бавдисдзысты концертон программӕ, кӕцыйы уыдзысты ирон композиторты уацмыстӕ ӕмӕ ирон националон музыкӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ирон музыкантты балц уагъд цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ италиаг горӕты хсӕн 2017 азы ӕмгуыстады бадзырды фӕлгӕтты. Документ бафыстой Цхинвалы администрацийы сӕрдар Коцты Алан ӕмӕ Градарайы мэр Филиппо Гаспери.