Театры бакодтой сабиты ирхæфсæн къуым

ПДТ сывæллæтты ирхæфсæн хатæн кусдзæн æрмæст спектакльты рæстæг, сабитæ уыдзысты профессионалон педагогы хъусдарды бын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бакодтой сывæллæтты ирхæфсæн хатæн. Спектакльты рæстæг ныййарджытæ се ʻнæхъом сабиты бакæндзысты хъомылгæнæджы бæрны.

Сывæллæтты хатæн уыд театры проекты, у нырыккон домæнтæй сæ иу. Ногдзинад скуыста ацы къуыри.

"Хатæн ис æртыккаг уæладзыгыл. Ифтонг ʻрцыд æнæмæнгхъæуæг инвентарæй, ныр æрхуыдтам хъомылгæнæг - профессионалон педагогы, ис дзы хъазæн фæзуат. Сывæллон хъусдарды бын уыдзæн æхсæз сахатæй спектаклы фæудмæ. Хатæны хицæн къуым ис хистæр кары сывæллæттæн телевизор", - загътой Sputnik театры пресс-службæйы.

Хуссар Иры æнахъом сабиты ныййарджытæй бирæтæ сæхи атигъ кодтой культурон нывæзтæй – сæ зæнæг кæмæн ныууадзой, уый сын кæй нæ вæййы,уый аххосæй рауадзынц театры равдысттæ дæр.

"Иттæг хорз хъуыды. Бирæ равдысттæ ауагътон мæ чызг кæимæ ныууагътаин, уый мын кæй нæ уыд, уымæн. Ныр мын нал уыдзæн цæлхдуртæ мæ уарзон спектакльмæ бакæсынæн. Уырны мæ, ногдзинады фæрцы фæфылдæр уыдзысты театрдзаутæ. Сабитæ та бынтон чысылæй бæрзонд æмвæзады аивадыл цайдагъ кæндзысты", - загъта чысыл Софияйы мад Диана.