Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ Хуссар Ирӕй хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон турниры

Турнир "Битва за тренера-преподавателя", цы ран хайад райсдзысты Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан, уагъд цӕудзӕн 1-3 ноябры дагестайнаг Хасавюрты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсментӕ Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Ӕхцайы приз майданы тыххӕй: Цхинвалы схорзӕхджын кодтой дунейы чемпионы

Турнир "Битва за тренера-преподавателя" уагъд цӕудзӕн 1-3 ноябры дагестайнаг Хасавюрты.

"Дзӕгъиаты Сосланы фембӕлдтӕ, кӕцы архайы 92 килограмм уӕзы категорийы, райдайдзысты майрӕмбоны, сабаты та майдантыл тохы 110 килограмм уӕзы категорийы бацӕудзӕн Зассеты Арсӕмӕг", - хъусын кӕны пресс-службӕ спортсменты тренер Коцты Тамерланы ныхӕстӕ.

Ацы аз уыд ӕнтыстджын дыууӕ хъӕбысхӕйцӕгӕн дӕр – Зассеты Арсӕмӕг ссис Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион, Дзӕгъиаты Сослан та ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау.