Контролон ӕхст: Хуссар Иры басгӕрстой ӕфсӕддонты цӕттӕдзинад

Контролон ахуыртӕй бакӕндзысты фӕстиуджытӕ ӕхстон цӕттӕкӕнынадӕн, кӕцы регулярон ӕгъдауӕй уагъд фӕцӕуы Хуссар Иры гарзджын тыхты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕппӕт дӕлхайӕдты офицертӕ ӕмӕ рӕнхъонтӕн уагъд ӕрцыдысты контролон ахуыртӕ ӕхстон цӕттӕдзинадӕй. 

"Тренировкӕты рӕстӕджы бакуыстӕуыд хӕцӕнгарзӕй ӕхсыны фадӕттӕ ӕмӕ фӕтктыл, ӕнӕзмӕлгӕ ӕмӕ ӕвиппайды фӕзынгӕ нысанмӕ ӕхст, хӕцӕнгарз ӕхстмӕ бацӕттӕ кӕнын, ӕхсты фӕстӕ хӕцӕнгарз басгарын ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - радзырда министрады пресс-секретарь Чехойты Инга.

Мадзӕлтты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ спайда кодтой дамбацатӕ, Калашниковы автоматтӕ ӕмӕ пулеметтӕй.

Контролон ахуыртӕ уагъд цыдысты уагдоны министр Гассеты Ибрагимы барамындмӕ гӕсгӕ.