"Йæхи нырма равдисдзæн": Гасситы Сослан рамбылдта дунейы "æвзист" армспортæй

Дунейы чемпионаты тохгæнгæйæ цхинвайлаг спортсмен ныббырста 10 ныхмæлæууæджы, фæлæ финалы фæхæрд ис болгараг армрестлерæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры иууыл æнтыстджындæр архайгæ æрмхæцæг Гасситы Сослан дунейы чемпионаты рамбылдта æвзист майдан галиу къухæй. Сосланæн уый у йæ фыццаг майдан хистæр кары спортсменты хсæн, фæлæ уый нырма йæхи равдисдзæн, загъта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан 2018 азы фæсивæдон категорийæ рахызт хистæр кармæ, ныр уый у дуне æмæ Европæйы чемпионатты æдзух архайæг. Æрыгæтты хсæн у дунейы æхсæз хатты чемпион.

"Сызгъæрин мæ хъæуы": Гасситы Сослан цæттæ кæны армхæстæй дунейы чемпионатмæ

"Ерысты финалмæ фæндагыл уый рамбылдта дунейы тыхджындæр æрмхæцджытæй дæсы, се хсæн гуырдзиаг спортсмен, Европæйы чемпион, фæлæ финалы фæхæрд ис болгараг армрестлерæн, уый та уыд европæйаг ерысты архайгæ чемпион. Хорз стох кодта, фæлæ йæ сæйраг уæлахизтæ сты разæй. Архайдзыстæм азы фæстæ та рамбулын "сызгъæрин", - загъта Джиоты Валерий.

Тренер ма бузныг загъта, ерыстæм сæ хъус чи дардта æмæ финансон æххуыс чи бакодта турнирмæ ацæуынмæ, уыдонæн.

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг, хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер æрыгæтты хсæн, хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты рæнхъыты дæр.