Джиоты Вероника ралӕууыд Стыр театры "Елена Образцовайы оперон балы"

Елена Образцовайы 80-азон юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон изӕр уагъд ӕрцыд 4 ноябры Стыр театры историон сценӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Хуссарирыстойнаг оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника хайад райста концерт "Елена Образцовайы оперон бал"-ы, кӕцы уагъд ӕрцыд къуырисӕры Стыр театры, хъусын кӕы РИА Новости.

Джиоты Вероника райста Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном

Мадзалы хайадисджыты нымӕцы ма уыдысты Лео Нуччи, Феруччо Фурланетто, Маквала Касрашвили, Мария Гулегина, Ольга Бородина, Лоуренс Браунли ӕмӕ Франческо Демуро. Уыцы изӕр ма уагъд ӕрцыдысты ӕвзонг ӕххӕстгӕнджыты дебюттӕ.

Концерт уагъд ӕрцыд Чайковскийы номыл Стыр симфоникон оркестры хайадистӕй маэстро Владимир Федосеевы къухдариуӕгадӕй.

Фыццаг хатт "Елена Образцовайы оперон бал" Стыр театры ацыд 2014 азы октябры, зарӕггӕнӕг йӕ 75-азон юбилей куы нысан кодта, уӕд. 2015 азы январы зарӕггӕнӕг ахицӕн адунейӕ, фӕлӕ йын йӕ номыл фонд дарддӕр кӕны йӕ хъуыддаг.