Владимир Путин сратификаци кодта Хуссар Ирмӕ ӕртаг ласыны фӕдыл протокол

Протокол фӕхуымӕтӕг кодта уӕрӕсейаг ӕрдзон газӕй дарддӕр нефты продуктты ласыны процедурӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин сратификаци кодта протокол Хуссар Ирыстонимӕ ӕхсӕнхицауадон бадзырдмӕ ӕртаг ласыны фӕдыл республикӕмӕ, ацы документ ныммыхуыр кодтой барадон информацийы официалон интернет-порталы.

Цхинвалы байгом ног ӕртаггӕнӕн станц

Протоколмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ нефты продукттӕ ласыны рӕстӕджы таможнӕйон фиддонтӕй нӕ пайда кӕндзысты. Афтӕмӕй ӕрвылаз бӕрӕг кӕндзысты ахӕм ӕнӕфиддонон продукцийы бӕрцуат.

Бадзырды протокол бӕрӕг кӕны, Хуссар Ирыстоны территоримæ нефты продуктты экспорт цæудзæн æнæ периодикон рæстæгон таможнæйон декларацийæ. Протоколы реализаци райтынг кӕндзӕн базарадон-экономикон ӕмгуыстад Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн.

Таможнӕйон статистикӕмӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ 2017-2018 ӕзты экспорт скодтой 23,2 мин тонн нефты продукттӕ, кӕцыты иумӕйаг суммӕ уыд 20,5 милуан доллары. 2019 азы Хуссар Ирыстонмӕ иумӕйагӕй ӕрласдзысты 8 мин тонн Аи-92 маркӕ бензин – дизелон ӕртаг та 1,1 мин тонн.