Хӕбӕлаты Арсен: ацы ерыстæ - ноджы иу къахдзæф ног æмвæзадмæ

Цхинвалы армспорты секцийы хъомылгæнинаг Хӕбӕлаты Арсен радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры йӕ уӕлахизы тыххӕй дунейы чемпионаты
Sputnik

Хуссарирыстойнаг æрмхæцæг Уæрæсейы æмбырдгонды сконды рамбылдта дунейы фыццагад рахиз къухæй. Ерыстӕ уагъд цыдысты Румынийы горӕт Констанцайы 26 октябрӕй 4 ноябрмӕ.

"Мæ уæзы уыд бирæ спортсментæ. Рахæцыдтæн дзы 11 адæймагимæ, финалы та рамбылдтон дагестайнаг æрмхæцæджы", - банысан кодта Хæбæлаты Арсен.