Хуссар Иры президент радта кадджын нӕмттӕ Хуссар Иры цыппар ахуыргӕнӕгӕн

"РХИ сгуыхт ахуыргӕнӕджы" нӕмттӕ райстой гимнази "Рухс" ӕмӕ цхинвайлаг дӕсӕм скъолайы ахуыргӕнджытӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта кадджын ном "РХИ сгуыхт ахуыргӕнӕг" Хуыбылты Валерийы номыл гимнази "Рухс"-ы ӕртӕ ахуыргӕнӕгӕн ӕмӕ дӕсӕм скъолайы физикон культурӕйы ахуыргӕнӕгӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг: ме ‘стырдӕр хорзӕх – мӕ ахуыргӕнинаджы ӕнтыст

Гимназийы сгуыхт ахуыргӕнджыты нӕмттӕ райстой райдайӕн къласты ахуыргӕнджытӕ Битеты Инга ӕмӕ Санахъоты Лариса, афтӕ ма уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Икъоты Земфира.

Дӕсӕм скъолайы кадджын ном райста физикон культурӕйы ахуыргӕнӕг Цхуырбаты Ӕхсар.

Ахуыргӕнджыты схорзӕхджын кодтой стыр сгуыхтдзинӕдты тыххӕй педагогон архайды ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады, афтӕ ма бирӕазон пайдаджын куысты тыххӕй.