Цхинвалы Уӕлдӕр тӕрхондоны цур ссардтой гранатӕ

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнӕн къорды сапертӕ аластой рӕмудзӕн ӕрмӕджы ӕдас ранмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны территорийыл зӕронд ӕмбонд ивыны рӕстӕджы кусджыттӕ ссардтой гранатӕ, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ пресс-службӕ.

Сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой танчы ныхмӕ минӕтӕ Хуссар Иры: видео

Уагдоны банысан кодтой, хӕстӕрмӕг кӕй уыд ӕнӕ рӕмудзӕнӕй.

"Кусджытӕ ссардтой къухын гранатӕ РГД-5. Бынатмӕ фӕдзырдтой УУМ ирвӕзынгӕнӕн къорды сапертӕм, кӕцытӕ йӕ аластой ӕдас ранмӕ спырх кӕныны тыххӕй", - радзырдта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Ахӕм цаутӕ Хуссар Ирыстоны стӕм не сты. Гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстӕ республикӕйы баззад бирӕ фадгуытӕ, кӕцытӕ сыгъдӕг не 'рцыдысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй. Уый фӕдыл ныр цалдӕр азы дӕргъы Хуссар Иры кусы Уӕрӕсейы УУМ ирвӕзынгӕнӕн операциты центр "Лидер".