Хуссар Иры Юстицийы министрады ӕрдзырдтой ахӕстоны уавӕры тыххӕй

Рабадтыл ӕрдзырдтой уголовон-ӕххӕстгӕнӕг системӕйы кусджыты аттестацийыл дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады ауагътой оперативон рабадт, цы ран хайад райстой рӕстмӕгӕнӕн колонийы кусджытӕ.

Парламенты спикер загъта йӕ хъуыды дыууӕ министрӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны тыххӕй

Рабадты рӕстӕджы рӕстмӕгӕнӕн колонийы кусджытӕ ӕрдзырдтой фарстытыл, кӕцытӕ сты боны фӕткы, хъусын кӕны Юстицийы министрады пресс-службӕ.

"Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой ӕнӕштатон уавӕртӕ аиуварс кӕныныл, афтӕ ма ахӕстты мидӕггагон уагы фехӕлдты профилактикӕйыл. Министр Лалыты Зӕлинӕ байхъуыста уагдоны хистӕрты докладтӕм", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр рабадты рӕстӕджы ӕркастысты уголовон-ӕххӕстгӕнӕг системӕйы кусджыты аттестацийы фарстыл.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, цхинвайлаг ахӕстоны ахӕсттӕ кӕй расидтысты ӕнӕхӕрын. Сӕ домӕнтӕм сын байхъуыстой парламенты депутаттӕ, кӕцытӕ бабӕрӕг кодтой колони. Фӕстӕдӕр ДИФ-ты ӕмӕ социалон хызӕгты фӕзынд информаци, ахӕстты кӕй фӕнадтой тыхон структурӕты кусджытӕ. Уый фӕдыл депутаттӕ бадзырдтой прокуратурӕмӕ, цӕмӕй басгарой ацы информаци.