Президент балæвар кодта Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæн ног хæдтулгæтæ

Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг банысан кодта, мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц сæ размæ лæууæг хæстæ æмæ ацы аз фыдракæндты нымæц кæй фæкъаддæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта ног автотранспорты дæгъæлтæ мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæн, хъусын кæны бæстæйы сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг бафхӕрдта йӕ кусджыты фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

Бибылта Анатолий банысан кодта, кæй фæхуыздæр сты техникон фадæттæ æмæ барадхъахъхъæнæг органты куысты эффективондзинад.

"Абон республикæйы фæтк хъахъхъæнынад иууылдæр æвæрд ис уæ уæхсджытыл. Фæнды мæ банысан кæнын, уæ хæстæ хорз кæй æххæст кæнут. Ацы аз фæкъаддæр фыдракæндтæ æмæ фæткхæлдты нымæц. Ныфс мæ ис, уæ тох фыдгæнджытимæ дарддæр дæр кæй уыдзæн фæстиуæгджын", - банысан кодта президент.

Президент балæвар кодта Мидхъуыддæгты министрады дæлхайæдтæн ног хæдтулгæтæ

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь бузныг загъта президентæн йе 'ххуысы тыххæй уагдонæн æмæ банысан кодта, ног автотранспортæй кæй пайда кæндзысты сæ службæйон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынæн.