ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны полицийы кусджытӕ ӕрцахстой Нальчикы Кӕсӕг-Балхъары цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта фӕлывд хъуыддаг саразынмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Фыдгӕнӕнӕг авд азы дӕргъы уыд федералон агуырды фыдракӕндты тыххӕй Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары цӕрджыты ныхмӕ.
Фыдгӕнӕг 2010-2012 ӕзты уыд ӕмбӕстӕгты кредитон кооперативы разамонӕг ӕмӕ давта Уӕрӕсейы федералон бюджетон фӕрӕзтӕ организацигонд къорды сконды.
"Зӕрдӕхсайгӕ мӕнг документты фӕрцы ӕнӕзакононӕй пайда кодта мады капиталы ӕхцайы фӕрӕзтӕй, кӕцыты уыдысты сывӕллонджын бинонтӕн ӕххуысӕн. Ӕмбӕстаг ӕрхаста зиан 170 милуан сомы бӕрц", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг егъау бӕрцуаты фӕлывд миты тыххӕй. Фыдгӕнӕг авд азы ӕмбӕхст барадхъахъхъӕнджытӕй, фӕлӕ йӕ Кӕсӕг-Балхъары территорийыл ӕрцахстой цӕгатирыстойнаг полицийы кусджытӕ.
Хъуыддаджы ӕрмӕджытӕ бадӕттой Цӕгат Ирыстоны фӕдыл Уӕрӕсейы Федерацийы фӕдагуырды комитетмӕ.