Цӕгат Иры тӕрхон кӕнынц экс-депутаты, кӕцы ӕртхъирӕн кодта амарын ахуыргӕнӕджы

Ацы аз марты Ӕрыдоны районы 28-аздзыд депутат бацыд горӕт Ӕрыдоны скъоламӕ ӕмӕ сывӕллӕтты раз райдыдта нӕмын райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхон кӕнынц Ӕрыдоны районы экс-депутаты, кӕцыйы азымджын кӕнынц ахуыргӕнӕджы амарынмӕ ӕртхъирӕны, хъусын кӕны УФ фӕдагуырды комитет.

"Балхынцъ ис Ӕрыдоны районы муниципалитеты минӕвӕртты ӕмбырды 28-аздзыд раздӕры депутаты фӕдыл уголовон хъуыддаджы фӕдӕвзарӕн. Уыйы азымджын кӕнынц ахуыргӕнӕджы амарынмӕ ӕртхъирӕны. Фӕдагуырд ӕрӕмбырд кодта аккаг ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ бадӕтта уголовон хъуыддаг тӕрхондонмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 6 марты райсомӕй экс-депутат ӕрбацыд горӕт Ӕрыдоны цыппӕрӕм астӕуккаг скъолайы къласмӕ ӕмӕ райдыдта нӕмын ахуыргӕнӕджы. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг бакодта ахуыргӕнӕджы скъолайы директоры кабинетмӕ ӕмӕ райдыдта ӕртхъирӕн кӕнын амарын сылгоймаджы. Фӕлӕ йӕ баурӕдта скъолайы директор.