Цхинвалы æрцахстой дуканийæ æхца адавæджы

Нæлгоймаг басаст йæ фыдракæндыл, уымæ æнхъæлмæ кæсы дыууæйæ æхсæз азы онг ахæстоны баконд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой уголовон хъуыддаг Цхинвалы цæрæджы ныхмæ, кæцы адавта столицæйы дуканитæй иуы, фехъусын кодта МХМ пресс-службæйы хистæр Бестауты Вида.

Фыдракæнд арæзт æрцыд 2 ноябры æхсæвы. Зианбаййафæджы ныхæстæм гæсгæ, къæрныхтæ бабырыдысты дуканимæ æмæ дзы адавтой 150 мин сомы.

"Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы милицийы кусджытæ рабæрæг кодтой æмæ æрцахстой ацы фыдракæнды зæрдæхсайгæ адæймаджы. Уый разынд Цхинвалы 45-аздзыд цæрæг, кæцы ма раздæр дæр арæзта ахæм фадракæндтæ", - загъта Бестауты Вида.
Цхинвалы æрцахстой дуканийæ æхца адавæджы

Нæлгоймаджы бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы.

Пресс-службæйы хистæр банысан кодта, уый кæй басаст йæ фыдракæндыл, адавгæ æхцатæ та радтой сæ хицауæн.

МХМ слестгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг адавды фæдыл. Фыдгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы дыууæйæ æхсæз азы онг ахæстоны баконд.