Хуссар Ирмæ æрцæуы цирк "Маленькая страна"

Уазæг артисттæ æмæ сырдтæ цхинвайлаг сабиты ирхæфсдзысты дыууæ боны дæргъы, уыдзæн сын æмткæй аст равдысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 ноя— Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæ дыууæ бонмæ æрфысым кæндзæн Краснодараг цирк "Маленькая страна"-йы. Уазæг артисттæ ныфс дæттынц чысыл кæсæджы зæрдæтæ балхæнын артистты цымыдисон ралæудтæй æмæ æнахуыр сырдтимæ фембæлдтæй.

Не ٬руагътой: Хуссар Ирмæ аивтой циркы гастрольтæ

Ивгъуыд мæйы Цхинвалы æнхъæлмæ кастысты Башкираг циркы æрцыдмæ, фæлæ уыдонæн сæ балц фæкъуыхцы ис таможнæйы проблемæты аххосæй.

"Сом æмæ иннæбон уыдзыстæм Цхинвалы. Труппæ ратдзæн концерттæ 10:00, 12:00, 14:00, 18:00 сахаттыл. Нывæзты ис африкайаг питон, бæлон, тути, макакатæ, енот, паддзахы пудельтæ æмæ оригиналон жанрты архайдзысты артисттæ", - загъа Sputnik циркы администратор Кисилев Андрей.

Цирк Цхинвалы уыдзæн 12-13 ноябры, къордæн уыдзæн аст равдысты ПККЗ "Чермен"-ы.