Уӕрӕсейы нымайӕн палатӕ басгардзӕн Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы хардз

Нымайӕн палатӕйы кусӕгон къорд саргъ кӕндзӕн Уӕрӕсейы федералон бюджеты фӕрӕзтӕй пайдакӕнынадӕн, кӕцытӕ ӕрвитынц Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Нымайӕн палатӕйы минӕвӕрттӕ ауадздзысты Хуссар Ирыстоны иумӕйаг контролон мадзӕлттӕ уӕрӕсейаг финансон ӕххуысӕй пайда кӕнынӕн, кӕцы сӕххӕст кодтой республикӕйӕн 2019 азы.

Ӕмбӕлон кусӕгон процесс: Игорь Кошин саргъ кодта Инвестпрограммӕйы реализацийӕн

Республикӕйы хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, премьер-министр уӕрӕсейаг къордимӕ фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта, Хуссар Ирыстон йӕ цӕст кӕй дары Инвестпрограммӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, уадзы иудадзыг рабадтӕ ӕмӕ сгарӕн мадзӕлттӕ.

"Уый у намысы фарст махӕн. Басгӕрсты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ 2018 азы Инвестпрограммӕ сӕххӕст кодтой сӕдӕ проценты. Уырны мӕ, ацы программӕ дӕр ӕнтыстджын реализаци кӕй ӕрцӕудзӕн ", - бахахх кодта Пухаты Эрик.

Кусӕгон къорды разамонӕг, Уӕрӕсейы Нымайӕн палатӕйы инспекцийы хистӕры хӕдивӕг Валерий Лепеха баныфсӕвӕрдта, иумӕйаг сгарӕн мадзӕлттӕ ӕнтыстджын ӕххӕст кӕй скӕндзысты.

Уӕрӕсейы Федераци Нымайӕн палатӕйы контролон мадзал уагъд цӕуы Цхинвалы куысты нывӕзтмӕ гӕсгӕ 11-28 ноябры.