Хуссар Иры фӕзындзӕн ног бӕрӕгбон

Республикӕйы президент бафыста барамынд ног профессоналон бӕрӕгбон снысан кӕныны фӕдыл, кӕцы нысан кӕндзысты августы кӕрӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн ног бӕрӕгбон – Ветеринарон кусӕджы бон. Ахӕм барамынд бафыста республикӕйы президент Бибылты Анатолий.

Цӕрӕгойты низтимӕ Хуссар Иры тох кӕндзӕн ног сӕрмагонд уагдон

"Снысан кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны профессионалон бӕрӕгбон – Ветеринарон кусӕджы бон 31 августы", - дзырдӕуы документы тексты.

Ног бӕрӕгбонон бон снысан кӕныны фӕдыл ивындзинӕдтӕ бахастой президенты барамындмӕ 2015 азы 2 ноябрӕй "Республикӕ Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонон бонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндар саразыны фӕдыл".

Барамынд бацыд йӕ тыхы йӕ бафыссыны бонӕй фӕстӕмӕ.