Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой хъӕд, кӕцы сыгъд дыууӕ боны

Республикӕйы Ленингоры районы хъӕд сыгъд дыууӕ боны, зынгфӕдисон хӕдтулгӕтӕн сӕ бон нӕ уыд бацӕуын зынгсирвӕзты бынатмӕ – ирвӕзынгӕнджытӕ хуыссын кодтон арт къухӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт Ленингоры районы. Сӕрмагонд техникӕйӕн фадат кӕй нӕ уыд бацӕуын цауы бынатмӕ, уый фӕдыл ирвӕзынгӕнджытӕ хуыссын кодтой арт къухӕй. Зынгсирвӕзт аиуварс кӕнынмӕ ӕрбаздахтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) районон зынгфӕдисон ирвӕзынгӕнӕн хайӕдты, афтӕ ма Орчъосаны хъӕуы хайад дӕр, фехъусын кодта Sputnik зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады хистӕр Ленингоры Лазарты Михаил.

Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой хъӕд, кӕцы сыгъд дыууӕ боны

Зынгсирвӕзт фӕзынд Цъубены хъӕуы цур обауыл, фӕлӕ ирвӕзынгӕнджытӕ баныфсӕвӕрдтой, бынӕттон цӕрджытӕн тас кӕй нӕй.

"Мах ахуыссын кодтам арт нӕхи тыхтӕй. Смобилизаци кодтам Ленигор ӕмӕ Орчъосаны зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджыты. Цӕмӕй зынгсирвӕзты бынатмӕ схӕццӕ уыдаиккам, уый тыххӕй мах ракалдтам чысыл хъӕд, науӕд къахӕй дӕр нӕ уыд гӕнӕн бацӕуын цауы бынатмӕ", - загъта Лазарты Михаил.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирвӕзынгӕнджытӕ сыдас кодтой Велуры хъӕу дӕр, кӕцыйы рагӕй фӕстӕмӕ ничиуал цӕры. Зынгфӕдисонтӕ дарддӕр сӕ цӕст дарынц уавӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ арт ӕнӕхъӕнӕй нӕ ахуыссыд – обауыл нырма ис зынгсирвӕзты чысыл фӕзуат.

Хуссар Иры судзы хъӕд. Арт ахуыссын кӕныныл тох кӕнынц зынгфӕдисонтӕ

Ирвӕзынгӕнджытӕ бафӕдзӕхстой цӕрджыты ӕмӕ хъӕууон советты сӕргълӕуджыты, зынгфӕдисонтӕ та фыццаг ӕрсидтмӕ цӕттӕ сты ӕрбацӕуын ӕххуысмӕ.

Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕйы ма фехъусын кодтой, ноджы иу зынгсирвӕзт та кӕй аиуварс кодтой Дзауы поселочы зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ. Зынгсирвӕзт хъӕды ӕрцыд дыццӕджы изӕры Цъоны хъӕуы цур.

Уагдоны бафтыдтой, зынгфӕдисонты хорз архайды руаджы арт ӕнӕхъӕнӕй ахуыссын кодтой.