ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Санкт-Петербурджы байгом ис Беслӕны трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн фоторавдыст, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Фоторавдыст "Помнить, чтобы жить"-ы бавдыстой Сергей Узаков ӕмӕ Саулаты Валерийы 50 къамӕй фылдӕр, афтӕ ма нывтӕ, кӕцытӕ "Беслӕны мӕдтӕ" комитетӕн лӕвар кодтой бирӕ ӕзты дӕргъы.
Равдысты уазджытӕ базонгӕ сты ӕвирхъау трагедийы къамтимӕ ӕмӕ загътой бузныг организатортӕн сӕ социалон-ахсджиаг куысты тыххӕй.
Фоторавдысттӕ проект "Помнить, чтобы жить"-ы фӕлгӕтты, кӕцы реализаци кӕны комитет "Беслӕны мӕдтӕ" Президентон грантты фонды ӕххуысӕй, уагъд цӕуынц Уӕрӕсейы бирӕ горӕтты. 15 ноябры равдыст байгом уыдзӕн Мӕскуыйы Паддзахадон музей – Николай Островскийы номыл культурон центр "Интеграция"-йы.